Содержимое
Осетия Сегодня from Jusso-Mæ Ирон адæммæ ис бирæ ахӕмтӕ, кӕй хонӕм – рухстауджытæ. Кæцытæ архайдтой, цæмæй ирон адæм уæндон къафдзæфтæ акæной рухс фидæнмæ æмæ æмдзу кæной раззагдæрты 'хсæн. Уыдонӕй иу уыди Ӕлборты Барысби. Абон, 24 хуымгӕнӕны, у йӕ райгуырӕн бон ӕмӕ йӕ ном мах арӕм – рухсаг уӕд! Йӕ цард радта Ирыстонӕн – ӕнӕзымджынӕй репрессигонд уыд, фӕлӕ нӕ асасти йӕ хъару ӕмӕ та уыйфӕстӕ йӕ куыстмӕ раздахт, бирӕ мӕ йын бантысти. Ирыстоны къӕмтты фембырд кодта цымыдисаг фольклорон материал. Институттӕ ӕмӕ ахуырады уагдӕттӕ байгом кӕныныл архайдта цӕмӕй фӕллойгӕнӕг адӕм ахуыргонд суой. Бындурӕвӕрӕг уыди зонады: ӕстыр хуын бахаста ирон ахуырады, этнографи, фольклор иртасыны хъуыддагмӕ. Ныры Ирыстоны йӕ ферох кодтой, ӕмӕ уый раст нӕу. 'Стӕм адӕм мӕ зонынц, чи уыди Ӕлборты Барысби ӕмӕ цас хорздзинӕдтӕ... подробнее на канале:Осетия Сегодня @